30 Ацы чиныджы сӕ кой дӕр кӕмӕн нӕй, бирӕ ахӕм диссӕгтӕ ма равдыста Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.
Йесо галилейаг Канӕйы цы бакодта, уый уыди Йӕ диссӕгты райдайӕн, уымӕй равдыста Йӕ кады хъомыс, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ баууӕндыдысты.
Йесо ма ноджы бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, фӕлӕ се ’ппӕты тыххӕй бӕстон ныффысс, зӕгъгӕ, уӕд уыцы чингуытӕ, мӕнмӕ гӕсгӕ, ӕгас дунейы дӕр нӕ бацӕуиккой.
Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм, уымӕн ӕмӕ уыдтой, рынчынты дзӕбӕх кӕнгӕйӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уый.
Сыгъдӕг Фыст цыдӕриддӕр зӕгъы, уый ныффыстӕуыд махӕн зонд амонынӕн — дӕтты нын фӕразондзинад ӕмӕ ӕхсар, цӕмӕй нӕ ныфс уа фидар.
Сӕ хабӕрттӕ махӕн зонды хос сты, ӕмӕ сӕ ныффыстӕуыд, цӕмӕй махӕн, рӕстӕджы кӕрон цӕрджытӕн, рагфӕдзӕхст суой.
Ацы ныхӕстӕ ныффыстон сымахмӕ, Хуыцауы Фыртыл ӕууӕндджытӕм, цӕмӕй зонат, мыггагмӕйы цард уын кӕй ис, уый.