Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 20:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Йесо куы ӕрбацыд, уӕд дыууадӕсӕй иу, Фома, фӕсномыгӕй — Фаззон, семӕ нӕ уыд.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 20:24
9 Iomraidhean Croise  

Филипп ӕмӕ Варфоломей, Фома ӕмӕ хъалонисӕг Матфей, Алфейы фырт Йаков ӕмӕ, фӕсномыгӕй Фаддей кӕй хуыдтой, уыцы Леввей,


Уымӕн ӕмӕ, Мӕ номыл дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ адӕймаджы кӕм ӕрӕмбырд уой, уым Ӕз дӕр семӕ уыдзынӕн».


Уӕд, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм».


Уӕд Ӕй Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куынӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?»


Симон Петр, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома, галилейаг Канӕйӕ чи уыди, уыцы Нафанаил, Зеведейы фырттӕ ӕмӕ ма ноджы Йесойы дыууӕ ӕндӕр ахуыргӕнинаджы уыдысты иумӕ.


Йесо сын загъта: «Уӕ дыууадӕсы дӕр Ӕз нӕ равзӕрстон, ӕви? Фӕлӕ уӕ иу хӕйрӕг у».


Йесо афтӕ Иудӕйӕ, Симон Искариоты фыртӕй, загъта. Уымӕн ӕмӕ Йыл Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, фӕстӕдӕр гадзрахатӕй рацыди.


Иуӕй-иутӕ куыд сахуыр сты, уыйау мах ма уадзӕм не ’мбырд, фӕлӕ ныфс дӕттӕм кӕрӕдзийӕн, уӕлдайдӕр, Бардарӕджы ӕрцыды бон ӕрӕввахс кӕны, уый кӕй уынӕм, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan