Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 20:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕмӕ сӕм Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ фарс равдыста. Ахуыргӕнинӕгтӕ Хицауы куы федтой, уӕд Ыл ныццин кодтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 20:20
9 Iomraidhean Croise  

Сылгоймӕгтӕ ратындзыдтой зӕппадзы цурӕй ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.


Ӕцӕг цы у, Ӕз уын уый зӕгъын: сымах кӕудзыстут ӕмӕ дзыназдзыстут, дуне та цин кӕндзӕн. Сымах хъыг кӕндзыстут, фӕлӕ уӕ хъыг раивдзӕни цинӕй.


Афтӕ сымах дӕр: ныртӕккӕ хъыг кӕнут, фӕлӕ уӕ Ӕз ногӕй фендзынӕн, ӕмӕ уӕд уӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты цинӕй, ӕмӕ уын уӕ цин ничиуал байсдзӕн.


Фӕлӕ Йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй Йӕ фарс барӕхуыста, ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалди.


Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: «Йӕ къухтыл зӕгӕлы фӕдтӕ куынӕ фенон, ме ’нгуылдз уыцы хъӕдгӕмттыл куынӕ авӕрон, мӕ къух та — Йӕ фарсы хъӕдгомыл, уӕд мӕ нӕ бауырндзӕн».


Стӕй Фомамӕ дзуры: «Ӕрбадар-ма де ’нгуылдз ӕмӕ Мын бавнал Мӕ къухтӕм. Ӕрбадар дӕ къух ӕмӕ Мын бавнал Мӕ фарсы хъӕдгоммӕ. Ӕмӕ дызӕрдыг мауал кӕн, фӕлӕ баууӕнд».


Райдианӕй цы уыди, мах цы фехъуыстам, нӕхи цӕстӕй цы федтам, цӕмӕ кастыстӕм ӕмӕ нӕ уырзтӕй цы басгӕрстам, Царды уыцы Дзырды тыххӕй хъусын кӕнӕм сымахӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan