Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 20:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Йесо йын загъта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Мариа ӕнхъӕл уыди, Уый дыргъдонгӕс у, ӕмӕ Йын загъта: «Хорз лӕг, кӕд Ӕй ды рахастай, уӕд Ӕй кӕм бавӕрдтай, уый мын зӕгъ ӕмӕ Йӕ ӕз ахӕссон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 20:15
12 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ ныр сыстон ӕмӕ сахарыл ӕрзилон, уынгты ӕмӕ фӕзты агурон мӕ уарзоны. Фӕцагуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ не ссардтон.


— О сылгоймӕгты рӕсугъддӕр! Кӕдӕм ацыди дӕ уарзон? Кӕцырдӕм фӕраст ис? Цом, иумӕ йӕм агурӕг фӕцӕуӕм.


Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы.


Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут! Ӕз зонын, дзуарылтыгъд Йесойы кӕй агурут, уый.


Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат.


Уыдон ӕнхъӕлдтой, иннӕтимӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, ӕмӕ, иу бонцау куы адард сты, уӕд Ӕй хӕстӕджытӕ ӕмӕ зонгӕты ӕхсӕн агурын райдыдтой.


Сылгоймӕгтӕ афтӕ фӕтарстысты, ӕмӕ сӕ сӕртӕ уӕлӕмӕ нал истой, фӕлӕ сын уыдон загътой: «Удӕгасы мӕрдтимӕ цы агурут?


Йесо фӕстӕмӕ куы фӕзылд ӕмӕ сӕ Йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сӕ фӕрсы: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон дӕр Ӕй бафарстой: «Равви (ома Ахуыргӕнӕг), кӕм цӕрыс?»


Цыдӕриддӕр Ыл ӕрцӕудзӕн, уый зонгӕйӕ, Йесо сӕ размӕ рацыд ӕмӕ бафарста: «Кӕй агурут?»


Уый та сӕ ногӕй бафарста: «Кӕй агурут?» Дзуапп та Йын радтой: «Назаретаг Йесойы».


Уыдон ӕй бафарстой: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс?» Мариа сын дзуапп радта: «Мӕ Хицауы мын ахастой ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонын».


Дӕ цагъарыл дӕ зӕрдӕ ма фӕхудӕд — мӕ маст ӕмӕ мӕ хъыг мӕ хуылфы нал цӕуынц, ӕмӕ мын банцайӕн уымӕн нал уыди».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan