13 Уыдон ӕй бафарстой: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс?» Мариа сын дзуапп радта: «Мӕ Хицауы мын ахастой ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонын».
кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бауром дӕ цӕссыгтӕ, дӕ богъ-богъ! Дӕ лӕггады тыххӕй хорзӕх райсдзынӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — знаджы зӕххӕй ӕрыздӕхдзысты.
Йесо сӕ бафарста: «Уый цӕуыл дзурут цӕугӕ-цӕуын?» Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты,
Йесо Йӕ мады, стӕй Йӕ уарзон ахуыргӕнинаджы дӕр уым лӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ мадӕн загъта: «Уӕ сылгоймаг, мӕнӕ уый — дӕ лӕппу».
Йесо йын дзуапп радта: «Уый Мӕнӕй цӕмӕн домыс, сылгоймаг? Мӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд».
Йесо йын загъта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Мариа ӕнхъӕл уыди, Уый дыргъдонгӕс у, ӕмӕ Йын загъта: «Хорз лӕг, кӕд Ӕй ды рахастай, уӕд Ӕй кӕм бавӕрдтай, уый мын зӕгъ ӕмӕ Йӕ ӕз ахӕссон».
Уыйадыл азгъордта, бацыди Симон Петрмӕ, стӕй Йесойы уарзон ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын загъта: «Хицауы ахастой зӕппадзӕй, ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонӕм».
Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».
ӕмӕ йын Елкана, йӕ сӕрыхицау, загъта: «Аннӕ! Цӕуыл кӕуыс? Фынгмӕ цӕуылнӕ ӕвналыс? Цы маст дӕ бацыди? Исты дын ӕз дӕс фыртӕй дӕр адджындӕр нӕ дӕн?»