6 Иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, уым хи цӕхсынӕн лӕууыди, фӕйнӕ дыууӕ-ӕртӕ метреты бӕрц кӕм цыди, ахӕм дурӕйконд ӕхсӕз донгарзы.
Уый йын дзуапп радта: „Фондзыссӕдз дурыны оливӕйы сой“. Уӕд ын загъта: „Айс дӕ гӕххӕтт, сбад ӕмӕ рӕвдздӕр ныффысс: дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз“.
Йесо лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Донгӕрзтӕ донӕй байдзаг кӕнут». Ӕмӕ сӕ байдзаг кодтой сӕ былтӕм.
Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ иу иудейагимӕ фӕбыцӕу сты хи ссыгъдӕг кӕныны фӕдыл.
цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн.
ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.
алыхуызон аргъуыдтыл, къухтӕ ӕрӕвӕрыныл, мӕрдты райгасыл ӕмӕ мыггагмӕйы тӕрхоныл.
Уыцы нывӕндтӕ ӕрмӕстдӕр хӕрды, нозты ӕмӕ буар ссыгъдӕджы ӕгъдӕуттимӕ баст сты, буармӕ чи хауы, ахӕм домӕнтӕ; уыдон ӕххӕстгӕнинаг уыдысты, цалынмӕ хуыздӕр уагӕвӕрд нӕ фӕзынди, уӕдмӕ.
Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр Моисей ӕппӕт адӕмӕн куы фехъусын кодта, уӕд райста родты ӕмӕ сӕгъты туг донимӕ, стӕй сырх къуымбил, иссоп, ӕмӕ дзы бапырх кодта Ӕгъдауы чиныгыл дӕр ӕмӕ адӕмыл дӕр.