5 Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».
Фӕлӕ уалынмӕ Мысыры адӕм дӕр ӕххормаг ӕййафын байдыдтой ӕмӕ хойраджы тыххӕй фараонӕн куы ныллӕгъстӕ кодтой, уӕд сын уый загъта: «Йосефмӕ бацӕут ӕмӕ уын цы зӕгъа, уый кӕнут».
Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Ӕз бакодтон, куыд мын загъдӕуыд, афтӕ. Мӕ дзауматӕ мӕ цыма мӕ цӕрӕнбынат аивынӕн хъӕуынц, афтӕ сӕ боныгон рахастон, изӕры та мӕ къухӕй къул батыдтон, адӕм мӕ куыд уыной, афтӕ сӕккой кодтон мӕ уаргъ ӕмӕ йӕ изӕрдалынгты рахастон.
Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.
Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.
Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».
Уырнындзинад ӕм кӕй уыдис, уый фӕрцы Авраам байхъуыста Хуыцаумӕ, кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы бӕстӕм ацӕуыны тыххӕй. Ӕмӕ ацыди, кӕд, кӕдӕм цӕуы, уый бӕлвырд нӕ зыдта, уӕддӕр.
Алцӕмӕй дӕр сси ӕххӕст, ӕмӕ Йе ’ппӕт коммӕгӕстӕн фестад мыггагмӕйы ирвӕзындзинады гуырӕн.
сӕн ӕмӕ бӕгӕны ма бануазӕд, сӕнӕфсир ӕмӕ нӕфӕтчиаг хӕринаджы хъӕстӕ ма фӕуӕд. Цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхстон, уыдон сӕххӕст кӕнӕд».
Мусмӕ фӕцыд ӕмӕ йын йе ’фсин куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта.