Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 2:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Йесо сыл Йӕхӕдӕг та не ’ууӕндыд, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты дӕр зыдта

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 2:24
21 Iomraidhean Croise  

фехъус-иу ӕй уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ныббар Дӕ адӕмы азым! Алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, уымӕн ӕмӕ Ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый, ӕрмӕстдӕр Ды зоныс адӕмы зӕрдӕтӕ.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр нӕй, нӕй йын срастгӕнӕн! Чи йӕ базондзӕн?


Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд?


Йесо сын уайтагъд Йӕ Удӕй базыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн афтӕ хъуыды кӕнут?


Ӕмӕ йӕ Йесомӕ ӕрбакодта. Йесо йӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Иоанны фырт Симон, дӕ ном уыдзӕни Кифӕ» (ома «дур», бердзенагау — Петр).


Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».


Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.


Йесо йын зӕгъы: «Ацу, дӕ моймӕ фӕдзур ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕх».


уымӕн ӕмӕ уӕ зонын: сымах Хуыцауы нӕ уарзут.


Йесо базыдта, адӕм Ӕм ӕрбацӕуинаг кӕй сты, уый — паддзахӕй Йӕ сӕвӕрынмӕ, ӕмӕ иунӕгӕй фӕстӕмӕ хохмӕ ссыди.


Фӕлӕ уӕддӕр сымахӕй чидӕртӕ не ’ууӕндынц». Йесо райдианӕй зыдта, Чи Йыл не ’ууӕнды, уыдоны, стӕй Йыл гадзрахатӕй чи рацӕудзӕни, уый дӕр.


Ӕмӕ скуывтой: «Бардарӕг, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, сӕ дыууӕйӕ ацы лӕггадӕн кӕй равзӕрстай, уый,


Ӕмӕ зӕрдӕзонӕг Хуыцау муртаттӕгтыл кӕй ауды, уый равдыста, уыдонӕн дӕр махау Сыгъдӕг Уд кӕй балӕвар кодта, уымӕй.


Уыйадыл бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзардзысты, ӕмӕ уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ тъымы-тъыма дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕйӕ бавӕрдтон, уырдӕм сӕ нӕма бакодтон, фӕлӕ, сӕхи куыд равдисдзысты, уый Ӕз ныридӕгӕн зонын».


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan