Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 2:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Фӕлӕ Йесо, Кувӕндоны тыххӕй дзургӕйӕ, Йӕ буары кой кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 2:21
10 Iomraidhean Croise  

Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Ӕмӕ, мӕрдтӕй куы райгас ис, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ ӕрлӕууыдысты сӕ зӕрдыл ӕмӕ баууӕндыдысты Сыгъдӕг Фыстыл ӕмӕ, цы дзырдта, ууыл.


Сымах Хуыцауы хӕдзар кӕй стут ӕмӕ Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый нӕ зонут, ӕви?


Хуыцауӕй уын лӕвӕрд цы буар у, уый Сыгъдӕг Уды цӕрӕнут кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы,


Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та стӕм цардӕгас Хуыцауы хӕдзар, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй Йе ’ппӕт миниуджытӕ уой Чырыстимӕ


Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.


Уый лӕггад кӕны ӕцӕг Кувӕндоны — адӕймаг нӕ, фӕлӕ, Хуыцау кӕй сарӕзта, уыцы Уаз Цӕрӕны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan