15 Уӕд синагӕй ехс сарӕзта ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ӕд фыстӕ ӕмӕ ӕд галтӕ Кувӕндонӕй ратардта, ӕхцаивджытӕн се ’хца ныппырх кодта, сӕ фынгтӕ сын афӕлдӕхта.
Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ — уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй — се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлонуӕйгӕнджытӕн — сӕ бандӕттӕ.
Йесо сын афтӕ куы загъта: «Уый Ӕз дӕн», уӕд фӕстӕдӕр алӕууыдысты ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.
Уым Кувӕндоны баййӕфта галтӕ, фыстӕ ӕмӕ бӕлонуӕйгӕнджыты, стӕй ӕхцаивджыты бадгӕ.
Бӕлӕттӕ уӕйгӕнджытӕн та загъта: «Айсут сӕ ардыгӕй ӕмӕ Мын Мӕ Фыды Хӕдзарӕй базаргӕнӕн хӕдзар ма аразут».
Уӕд ӕфсӕддонтӕ акъуырдтой бӕлӕгъы бӕттӕнтӕ, ӕмӕ бӕлӕгъ денджызмӕ ныххауд.
Мах цы хотыхтӕй хӕцӕм, уыдон адӕймаджы конд не сты, уыдонӕн сӕ мидӕг ис Хуыцауы тых, ӕмӕ уый та фидӕрттӕ ныппырх кӕны.