12 Уый фӕстӕ Йесо Йӕ мад, Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Капернауммӕ, ӕмӕ дзы цалдӕр боны фесты.
Науӕд ды, Капернаум, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ дӕ арвмӕ сисдзысты? Нӕ, дӕлзӕхмӕ ныххаудзынӕ, уымӕн ӕмӕ, ды цы диссӕгтӕ федтай, уыдон Содомы куы равдыстӕуыдаид, уӕд ма уый абон дӕр ма йӕ бынаты лӕууид.
Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.
Назаретӕй ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.
Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.
Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ.
Йесо ногӕй ӕрбацыди, дон сӕн кӕм фестын кодта, уыцы галилейаг Канӕмӕ. Уыцы рӕстӕг Капернаумы паддзахы дӕлдӕртӕй иуӕн йӕ фырт уыди рынчын.
сбадтысты бӕлӕгъы ӕмӕ араст сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Капернауммӕ. Баталынг ис, фӕлӕ Йесо семӕ нӕма уыд.
Ӕви иннӕ апостолтӕн, Дунедарӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн мӕ уырнӕг хотӕй искӕй мӕхицӕн цардӕмбал скӕныны бар нӕй, кӕмдӕриддӕр мемӕ куыд уа, афтӕ?
Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.