Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 2:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 ӕмӕ йын загъта: «Алчи уал раздӕр хорз сӕн ӕрӕвӕры фынгыл, ӕмӕ сӕ фаг куы бануазынц, уӕд та — ӕвзӕрдӕр. Ды та хорз сӕн нырмӕ ныууагътай».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 2:10
15 Iomraidhean Croise  

Йосеф сӕм йӕ фынгӕй ӕрвыста хӕйттӕ, ӕмӕ иннӕты хӕйттӕй Бениамины хай уыди фондз хатты стырдӕр. Ӕфсымӕртӕ дзӕбӕх фӕминас кодтой, фӕнуӕзтой Йосефимӕ.


«Ма хъыгдарут Мӕ байсӕрстыты, мӕ пехуымпартӕн ӕвзӕрӕй мацы ракӕнут».


— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!


ӕмӕ уыйадыл йе ’мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ цӕл кӕнын ӕмӕ нуазын куы райдайа,


Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхинымӕр афтӕ куы зӕгъа, цӕй, мӕ хицау нырма рӕхджы нӕ фӕзындзӕни, ӕмӕ уыйадыл лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, нуӕзтыл куы схӕца ӕмӕ расыгӕй куы цӕуа,


Фӕлӕ йын Авраам загъта: „Мӕ хъӕбул, ды дӕ удӕгасӕй царды хорзӕхтӕ кӕй райстай, Лазыр та хъизӕмар кӕй бавзӕрста, уый дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн. Ныр уый ам рӕвдыд у, ды та удхар кӕныс.


Сымах куыд ӕнхъӕл стут, хъуыддаг афтӕ нӕу: ацы адӕм нозтджын не сты — нырма боны ӕртыккаг сахат у.


алчидӕр февналы йе ’хсӕвӕр ахӕрынмӕ, ӕмӕ иу ӕххормагӕй баззайы, иннӕ та ӕфсӕст ӕмӕ расыг вӕййы.


Фыднозт ма кӕнут сӕн, уымӕн ӕмӕ уый расайы хӕлд митӕ, уый бӕсты уӕхи йемыдзаг кӕнут Сыгъдӕг Удӕй.


Уымӕн ӕмӕ фынӕйгӕнджытӕ ӕхсӕв фӕфынӕй кӕнынц, ӕмӕ расыггӕнджытӕ ӕхсӕвы барасыг вӕййынц.


Зӕххон паддзӕхтӕ йемӕ хъахбай митӕ фӕкодтой, зӕххон цӕрджытӕ расыг кодтой йӕ хъахбайдзинады сӕнӕй».


Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan