Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 19:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ногӕй та бацыди галуанмӕ ӕмӕ Йесойы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 19:9
18 Iomraidhean Croise  

Карз Ӕй ӕфхӕрдтой, фӕлӕ Уый ӕдзӕмӕй лӕууыди, ӕргӕвдынмӕ кӕй ракӕнынц, уыцы уӕрыккау, ӕлвынгӕ кӕй фӕкӕнынц, уыцы фысау. Хъыпп-сыпп дӕр не скодта.


Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»


Уыйадыл бӕстыхицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой галуанмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕфсӕддон хай уым Йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис.


Бирӕ цӕмӕйдӕрты Йӕ фарста, фӕлӕ йын Йесо ницы дзуапп лӕвӕрдта.


Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.


Уӕд Пилат ногӕй бацыди галуанмӕ, фӕсидти Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ды иудейаг Паддзах дӕ?»


Йесо дзуапп радта: «Дӕхи хъуыды зӕгъыс, ӕви дын иннӕтӕ загътой Мӕн тыххӕй?»


Пилат Ын загъта: «Уӕдӕ Ды Паддзах дӕ?» Йесо дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс, Ӕз Паддзах кӕй дӕн, уый. Ӕз уый тыххӕй райгуырдтӕн ӕмӕ дунемӕ уымӕн ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дзурон ӕцӕгады тыххӕй. Ӕцӕгадӕй чидӕриддӕр у, уый Мӕм хъусы».


Пилат Ын загъта: «Мӕнӕн нӕ дӕттыс дзуапп? Дӕ рауадзыны бар дӕр ӕмӕ Дӕ байтындзыны бар дӕр мӕнмӕ кӕй ис, уый нӕ зоныс?»


Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр старсти.


Йесо сын дзуапп радта: «Кӕд Ӕз Мӕхи тыххӕй Мӕхӕдӕг дзурын, уӕддӕр Мӕ ныхас ӕцӕг у, уымӕн ӕмӕ Ӕз, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый зонын. Сымах та йӕ нӕ зонут, кӕцӕй ӕрцыдтӕн ӕмӕ кӕдӕм цӕуын, уый.


ӕмӕ ӕппындӕр уӕ ныхмӕлӕуджытӕй кӕй нӕ тӕрсут. Хуыцау сын уе ’хсары руаджы равдисдзӕн: уыдон фесӕфдзысты, сымах та фервӕздзыстут.


Сылгоймаг уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ лӕгмӕ азгъордта ӕмӕ йын загъта: «Хуыцауы минӕвар мӕм ӕрбацыд! Уый уыди Хуыцауы зӕды ӕнгӕс, стыр тас мыл бафтыдта йӕ уындӕй! Кӕцӕй ӕрцыди, уымӕй йӕ нӕ бафарстон, стӕй мын Йӕ ном дӕр не схъӕр кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan