8 Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр старсти.
Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты.
Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».
Ногӕй та бацыди галуанмӕ ӕмӕ Йесойы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта.