Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 19:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ сӕм Йесо рацыди — сындзын кады худы ӕмӕ сӕнт сырх пӕлӕзы. Пилат сын загъта: «Мӕнӕ ис уыцы Адӕймаг!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 19:5
8 Iomraidhean Croise  

Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!


Фӕлӕ уын ныр, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ, уе сфӕлдисӕг Дунедарӕг зӕгъы: «Ма тӕрсут, Ӕз уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн! Ӕз уӕм басидтӕн уӕ номӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕн стут!


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Фӕндаггӕттӕ! Цӕут мӕ рӕзты, фӕлӕ-ма ӕрбакӕсут: ӕз цы хъизӕмар ӕвзарын, ахӕм ма искуы фендӕуыд? Уӕ, Дунедарӕг ӕй мӕныл йӕ судзгӕ масты бон куы бафтыдта!


Сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты Йӕ разы ӕмӕ Йӕ мӕстӕй мардтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!»


Дыккаг бон Иоанн кӕсы, ӕмӕ йӕм Йесо ӕрбацӕуы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕ Хуыцауы Уӕрыкк, дунейы тӕригъӕдтӕ Чи ахӕсдзӕни, Уый.


Ӕфсӕддонтӕ сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ йӕ Йесойы сӕрыл ӕрсагътой, сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой.


уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan