40 Уыдон Йесойы мард, иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтимӕ гӕнӕй уӕфт мӕрддзӕгты батыхтой.
Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ.
Йӕхицӕн Давиды сахары цы зӕппадз ӕрцӕттӕ кодта, уым ӕй бавӕрдтой. Йӕ хуыссӕнуат ын алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕй байдзаг кодтой. Йӕ ныгӕнӕн бон ын йӕ номыл басыгътой тынг бирӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.
Ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мын Мӕ буарыл кӕй ауагъта, уымӕй Мӕ ӕрцӕттӕ кодта ныгӕнынмӕ.
Сылгоймаг, йӕ бон цы уыди, уый бакодта: Мӕ баныгӕныны размӕ Мын Мӕ буар хӕрздӕфгӕнӕнӕй байсӕрста.
Петр уӕддӕр фестад ӕмӕ зӕппадзмӕ азгъордта. Ӕргуыбыр кодта, йӕ хуылфмӕ йын бакаст ӕмӕ дзы мардӕмбӕрзӕн йеддӕмӕ куы ницы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхти, цы ӕрцыди, ууыл хинымӕр дисгӕнгӕйӕ.
Ӕмӕ мард рацыди, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — мӕрдӕмбӕрзӕн хӕцъилты тыхт, йӕ цӕсгом — цӕсгомӕмбӕрзӕнӕй ӕхгӕд. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй, ӕмӕ ацӕуа».
Йесо загъта: «Ныууадз ӕй. Мариа Мын ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мӕ ныгӕнӕн бонмӕ бавӕрдта.
Лӕппутӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ныгӕнынмӕ ӕрцӕттӕ кодтой, стӕй йӕ рахастой ӕмӕ баныгӕдтой.