34 Фӕлӕ Йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй Йӕ фарс барӕхуыста, ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалди.
Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.
Сыгъдӕг дон уыл бапырх кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕ ӕмӕ уе ’ппӕт гуымирытӕй.
Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.
Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.
Дыккаг бон — уый уыди сабат — алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты Пилатмӕ
Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ Йӕ мардӕй куы федтой, уӕд Ын Йӕ зӕнгтӕ нал асастой.
Ӕмӕ сӕм Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ фарс равдыста. Ахуыргӕнинӕгтӕ Хицауы куы федтой, уӕд Ыл ныццин кодтой.
Уӕдӕ ма цӕмӕн фӕстиат кӕныс? Сыст, ссар Ын Йӕ ном, аргъуыд райс ӕмӕ цӕхс дӕ тӕригъӕдтӕ“.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты, фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут, ссыгъдӕг ӕмӕ сраст стут нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйӕ ӕмӕ нӕ Хуыцауы Уды руаджы.
цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн.
Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.
Чи фӕчъизи ис, уыдон кӕд сӕгътӕ ӕмӕ галты туг, стӕй нывонд дыгӕрдыджы ӕртхутӕг бапырх кӕныны руаджы ссыгъдӕг вӕййынц Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ,
Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.
Уыцы дон фӕсномыгӕй амыдта донаргъуыдмӕ; донаргъуыд та у буары чъизи ӕрӕхсын нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыны тыххӕй зӕрдӕ бавӕрын. Донаргъуыд абон сымах ирвӕзын кӕны Йесо Чырыстийы райгасы фӕрцы —
Уый у, дон ӕмӕ тугимӕ Чи ӕрцыд, уыцы Йесо Чырысти. Ӕрцыд ӕрмӕст донимӕ нӕ, фӕлӕ дон ӕмӕ тугимӕ. Ӕмӕ Сыгъдӕг Уд ӕвдисӕн лӕууы Уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Уд у ӕцӕгад.
Ӕртӕ ӕвдисӕны та зӕххыл ис]: Уд, дон ӕмӕ туг. Ӕмӕ се ’ртӕйӕн дӕр сӕ ныхас иу у.
ӕмӕ иузӕрдион Ӕвдисӕн Йесо Чырыстийӕ — мӕрдтӕй фыццаг Чи райгас ис ӕмӕ зӕххон паддзӕхты Паддзах Чи у, Уымӕй. Мах Чи уарзы ӕмӕ нӕ Йӕ Туджы руаджы нӕ тӕригъӕдтӕй Чи фервӕзын кодта,
Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.