Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 19:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Туаг сӕны дзаг дурын дзы уыди, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ хырыз комраз сӕны атылдтой, иссопы къалиуыл ӕй ӕрсагътой ӕмӕ Йын ӕй Йӕ дзыхмӕ схастой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 19:29
9 Iomraidhean Croise  

Раныхас-иу кодта алы бӕлас, алы зайӕгойы тыххӕй, ливайнаг кедрӕй райдай ӕмӕ, къулы скъуыды чи разайы, уыцы иссопӕй фӕу. Дзырдта цӕрӕгойтӕ, мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ кӕсӕгты тыххӕй дӕр.


Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


Стӕй-иу райсут иссопы баст, стулут ӕй, мигӕнӕны цы туг уа, уым ӕмӕ дзы бапырх кӕнут уӕлкъӕсӕр ӕмӕ дуары дыууӕ тарвазы. Райсоммӕ уӕ йӕ къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ мачи рахизӕд.


Сыгъдӕг чи у, ахӕм исчи райсӕд иссоп, уыцы доны йӕ атулӕд ӕмӕ дзы бапырх кӕнӕд цатырыл, ӕппӕт мигӕнӕнтыл ӕмӕ, уым чи уыди, уыдоныл, йе та стӕгдарыл, искӕй къухӕй мардыл, йӕхи ’гъдауӕй амӕлӕгыл, кӕнӕ ингӕныл чи андзӕвыд, уыцы адӕймагыл.


уӕд Ын нуазынӕн радтой сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы Уый куы ацахуыста, уӕд ӕй нал бануӕзта.


Сӕ иу азгъордта, хырыз комраз туаг сӕны стылдта, лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ йӕ Йесомӕ дзыхмӕ схаста бануазынмӕ.


Йесо та ногӕй хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.


Уӕд сӕ иу азгъордта, хырыз комраз туаг сӕны атылдта, лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ Йын ӕй йӕ дзыхмӕ схаста, афтӕ дзургӕйӕ: «Фӕлӕуут-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ дзуарӕй ӕрисид».


Ӕфсӕддонтӕ Дзы хынджылӕг кодтой — бацыдысты-иу Ӕм, Йӕ дзыхмӕ-иу Ын туаг сӕн схастой


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan