Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 19:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ мад, Йӕ мады хо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 19:25
10 Iomraidhean Croise  

Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.


Йесо, къуырийы фыццаг бон куы райгас ис сӕумӕйӕ, уӕд уал фыццаг Йӕхи раргом кодта магдалӕйаг Мариамӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уымӕ.


ӕмӕ афтӕмӕй бирӕтӕн сӕ сусӕг хъуыдытӕ раргом уыдзысты. Дӕуӕн дӕхицӕн дӕр цыргъаг дӕ риуы иннӕрдӕм ахиздзӕн».


Йесойы зонгӕтӕ, стӕй, Йӕ фӕдыл Галилейӕ чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ та дӕрддзӕф лӕууыдысты ӕмӕ, цытӕ цӕуы, уыдӕттӕм кастысты.


ӕмӕ Йын сӕ иу, Клеопа, дзуапп радта: «Йерусалиммӕ ӕрцӕуджытӕй, ӕвӕццӕгӕн, иунӕг Ды нӕ зоныс, ацы бонты уым цы ӕрцыди, уыдӕтты тыххӕй?»


стӕй ма, ӕнӕзӕгъинӕгты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта ӕмӕ сӕ низтӕ кӕмӕн фӕсырдта, уыцы сылгоймӕгтӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй фӕсырдӕуыд, уыцы Мариа, магдалӕйаг кӕй хуыдтой, уый;


Къуырийӕн йӕ фыццаг бон, нӕма ӕрбабон ис, афтӕмӕй магдалӕйаг Мариа ӕрбацыди зӕппадзмӕ ӕмӕ бацӕуӕны дур иуварс фӕлдӕхтӕй баййӕфта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan