18 Уыцы ран Ӕй дыууӕ ӕндӕр ахӕстимӕ, уыдон — Йӕ фӕйнӕфарс, Уый — астӕуӕй, афтӕмӕй дзуарыл байтыгътой.
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.
Уыцы ныхас рауади, цӕмӕй сӕххӕст уа, Йесо фӕсномыгӕй Йӕ мӕлӕты тыххӕй рагацау цы загъта, уый.
Уӕд ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ, Йесоимӕ тыгъд чи уыди, уыдонӕй фыццаг иуӕн, стӕй та иннӕмӕн асастой сӕ зӕнгтӕ.
Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.
Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».
уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, худинаг ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй амарди дзуарыл ӕмӕ ныр «бады Хуыцауы рахизфарс».