38 Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын.
Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».
Пилат сын загъта: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр ныхъхъӕр кодтой: «Байтындз Ӕй!»
Пилат хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕз ацы адӕймагмӕ ницы азым арын».
Уӕд Пилат ногӕй бацыди галуанмӕ, фӕсидти Йесомӕ ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ды иудейаг Паддзах дӕ?»
Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».
Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕнджытӕ куы федтой, уӕд хъӕр систой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йӕ уӕхӕдӕг байтындзут, ӕз Ӕм ницы азым арын».
Мӕрдты райгасы тыххӕй куы фехъуыстой, уӕд иутӕ райдыдтой худын, иннӕтӕ та дзырдтой: «Уый тыххӕй дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм».
фӕлӕ ӕнаипп ӕмӕ сыгъдӕг Уӕрыччы — Чырыстийы зынаргъ Тугӕй.