30 Уыдон ын дзуапп радтой: «Уый фыдгӕнӕг куы нӕ уаид, уӕд дын Ӕй дӕ къухмӕ нӕ раттаиккам».
«Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕм, ӕмӕ Йын уыдон марыны тӕрхон рахӕсдзысты, стӕй Йӕ муртаттӕгты къухтӕм ратдзысты.
Ӕмӕ Йӕ алчертӕ бирӕ хъуыддӕгты азымджын кодтой.
„Адӕймаджы Фырт хъуамӕ лӕвӕрд ӕрцӕуа тӕригъӕдджын адӕмы къухмӕ. Уыдон Ӕй дзуарыл байтындздзысты, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни“».
Пилат сӕм рацыд ӕмӕ загъта: «Цӕмӕй азымджын кӕнут ацы Адӕймаджы?»
Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йын уӕхи ӕгъдаумӕ гӕсгӕ уӕхӕдӕг рахӕссут тӕрхон». Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн нӕй искӕмӕн тӕрхон рахӕссыны бар».
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейӕгтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у».
Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы, сымах марынмӕ Кӕй радтат ӕмӕ, Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд йӕ разы уӕхи Кӕуыл атигъ кодтат, Уыцы Йесо Чырыстийы.
Уыцы Фарны Уацы сӕраппонд хъизӕмар кӕнын ӕз, фыдгӕнӕгау мӕ суанг рӕхыстӕй дӕр сбастой. Фӕлӕ Хуыцауы ныхасӕн рӕхыстӕй сбӕттӕн нӕй.
Ӕрмӕст марыны, кӕнӕ давыны, кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды, кӕнӕ искӕй хъуыддӕгтӕн тӕрхонгӕнӕг кӕй сси, уый тыххӕй уӕ мачи баййафӕд.