25 Ныр Симон Петр та лӕууыд ӕмӕ йӕхи тавта артмӕ. Фарстой йӕ: «Ды дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Уый Йыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ загъта: «Нӕ дӕн».
Саррӕ фӕтарст ӕмӕ нӕ басасти: «Ӕз нӕ бахудтӕн». Фӕлӕ йын Уый загъта: «Нӕ, ды бахудтӕ».
Адӕмы раз тас кӕмӕ ис, уымӕн уый — йӕ ахсӕн хыз, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый — ӕдас.
Ныр Петр та кӕрты бадти. Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг ӕм бацыди ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр Галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ».
Ныр Петр та бынӕй, кӕрты, уыди. Алчеры лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй иу уырдӕм бацыди.
Кӕрты астӕу арт куы скодтой ӕмӕ йӕ алыварс куы ӕрбадтысты, уӕд Петр дӕр сбадти семӕ.
Лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕй йӕ иу арты рухсмӕ федта, ӕдзынӕг ӕм ныккасти ӕмӕ загъта: «Ай дӕр Йемӕ уыди».
Фӕлӕ Петр нӕ басасти: «Хорз ус, ӕз Ӕй зонгӕ дӕр нӕ кӕнын».