Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 18:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уазал кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цагъартӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ арт скодтой, йӕ алыварс слӕууыдысты ӕмӕ сӕхи тавтой. Петр дӕр лӕууыд семӕ ӕмӕ йӕхи тавта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 18:18
16 Iomraidhean Croise  

Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, се ’мбырдмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, — куы смӕсты вӕййынц — адӕмы цӕгъдынц, сӕ хъалӕй уыдон галтӕн сӕ счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кӕнынц!


Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»


Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.


Адӕймагӕн йӕ бӕллиц куы сӕххӕст вӕййы, уӕд йӕ зӕрдӕ цин фӕкӕны; ӕдылымӕ йӕ фыдбылызы фӕндтӕ ныууадзынӕй зындӕр ницы кӕсы.


Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йесойы фӕдыл суанг алчеры кӕрты онг. Уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта.


Петры артмӕ йӕхи тавгӕ куы федта, уӕд ӕм ӕдзынӕг ныккасти ӕмӕ загъта: «Ды дӕр Назаретаг Йесоимӕ уыдтӕ».


Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.


Ныр Симон Петр та лӕууыд ӕмӕ йӕхи тавта артмӕ. Фарстой йӕ: «Ды дӕр Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй нӕ дӕ?» Уый Йыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ загъта: «Нӕ дӕн».


Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, стӕй, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, кувӕндоны уыцы лӕггадгӕнджыты, ӕмӕ уыдон ӕрбацыдысты уырдӕм хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ.


Былмӕ куы рахызтысты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ арт цӕхӕрӕй судзы, зынджыты уӕлӕ — кӕсаг, йӕ фарсмӕ та — дзул.


Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый.


Ма фӕсайды ут: «Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз миниуджытӕ сафӕг сты».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan