15 Симон Петр ӕмӕ ма ноджы иу ахуыргӕнинаг ацыдысты Йесойы фӕдыл. Уыцы ахуыргӕнинаг зонгӕ уыд алчеримӕ ӕмӕ Йесоимӕ бацыд алчеры кӕртмӕ.
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны
Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йесойы фӕдыл суанг алчеры кӕрты онг. Уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти ӕмӕ йӕхи артмӕ тавта.
Уыйадыл Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕфгомау цыди сӕ фӕдыл.
Анна Йесойы бастӕй арвыста алчер Каиафӕмӕ.
Йесойы сӕумӕйӕ Каиафӕйӕ акодтой бӕстӕйы хицауы галуанмӕ. Иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг мидӕмӕ нӕ бацыдысты, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ сын Куадзӕны фынгӕй хӕрын ӕмбӕла.