12 Уӕд ӕфсӕддонтӕ сӕ хицауимӕ ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕрвыст хъахъхъӕнджытӕ Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ сбастой.
Хуыцау ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл сугтӕ равӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ фырт Исаакы сбаста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ.
ӕмӕ сӕ сбадын кодта, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон уыди, раст Йосеф кӕм бадти, уым.
Дӕ уынаффӕты фӕндаг мын бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕндзынӕн Дӕ диссӕгтыл.
Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕмбырдӕй уыдысты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ.
Уыйадыл Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Иудейы бӕстыхицау Пилаты къухмӕ радтой.
Уыйадыл бӕстыхицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой галуанмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕфсӕддон хай уым Йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис.
Йесойы бакодтой алчермӕ. Сауджынтӕ, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ динамонджытӕ ӕмбырдӕй уыдысты уым.
Куыддӕр ӕрбабон ис, афтӕ алчертӕ, адӕмы хистӕртӕ, динамонджытӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион ӕрӕмбырд сты ӕмӕ уынаффӕ рахастой. Йесойы сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Пилаты къухмӕ радтой.
Уыйадыл Йесойы ӕрцахстой ӕмӕ Йӕ акодтой алчеры хӕдзармӕ. Петр дӕрддзӕфгомау цыди сӕ фӕдыл.
Иудӕ йемӕ ракодта ӕфсӕддонты, стӕй, алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ кӕй рарвыстой, кувӕндоны уыцы лӕггадгӕнджыты, ӕмӕ уыдон ӕрбацыдысты уырдӕм хӕцӕнгӕрзтӕ, цырӕгътӕ ӕмӕ рухсгӕнӕнтимӕ.
Кесарийы уыдис иу лӕг, йӕ ном — Корнелий, Италиаг кӕй хуыдтой, уыцы ӕфсӕддон хайы сӕдӕйыхицау.
Хъавыдысты йӕ амарынмӕ, фӕлӕ ӕфсӕддон хицаумӕ фӕхабар чындӕуыд, ӕгас Йерусалим базмӕлыди, зӕгъгӕ.
Фидармӕ бацӕуӕны цур Павел ӕфсӕддон хицауӕн загъта: «Иу цыдӕр зӕгъыны бар мын дӕттыс?» Уый дзуапп радта: «Ды бердзенаг ӕвзаг зоныс?
Фӕлӕ быцӕу куы стынг, уӕд ӕфсӕддон хицау фӕтарст, Павелы куы аскъуыдтӕ кӕной, уымӕй. Ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй ӕрхизой, Павелы байсой адӕмӕй ӕмӕ йӕ фидармӕ акӕной.
Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.