6 Ды Мын дунейӕ цы адӕмы радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном. Уыдон Дӕу уыдысты, Ды сӕ радтай Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон сӕххӕст кодтой Дӕ ныхас.
Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.
Уӕлзонд дӕ зӕрдӕйы ӕрцӕрдзӕн, ӕмӕ зонынад дӕ удӕн ӕхсызгон уыдзӕн.
Ӕцӕгдзинад агур, уӕлзонд, зондамынд ӕмӕ зонды хӕзнатӕ ма ауӕй кӕн.
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.
Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн!»
Сымах ацы дунейӕ куы уаиккат, уӕд уӕ дуне йӕхионтау уарзид. Сымах ацы дунейӕ кӕй не стут, Ӕз уӕ кӕй равзӕрстон ӕмӕ уӕ дунейӕ кӕй фӕхицӕн кодтон, уый тыххӕй уӕ уыны ацы дуне йе сӕфт.
Сымах ныридӕгӕн бахсӕстӕуыд, Ӕз уын кӕй загътон, уыцы Дзырдӕй.
Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.
Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфти, мӕлӕтӕн гуырды йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый.
Ӕз сын ӕрхастон Дӕ ныхас, ӕмӕ сӕ дуне йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ, Ӕз ацы дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты.
Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр дунейӕ не сты.
Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.
Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.
Ӕз сын раргом кодтон Дӕ ном ӕмӕ сын ӕй дарддӕр дӕр ӕргом кӕндзынӕн, цӕмӕй Мӕ Ды цы уарзтӕй бауарзтай, уыдон дӕр уарзой ахӕм уарзтӕй, ӕмӕ Ӕз уон семӕ».
Ӕмӕ ныр бамбӕрстой, Ды Мын цыдӕриддӕр радтай, уый Дӕуӕй лӕвӕрд кӕй у.
Йесо сын афтӕ уый тыххӕй загъта, цӕмӕй сӕххӕст уа Йӕ ныхас: «Ды Мын кӕй радтай, уыдонӕй Ӕз никӕй фесӕфтон».
Мӕ Фыд Мын кӕй дӕтты, уыдон Мӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ, Мӕнмӕ чи ӕрбацӕуа, ууыл Ӕз Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн.
Мӕ Рарвитӕджы та фӕнды, цӕмӕй Мын кӕй радта, уыдонӕй Ӕз иуы дӕр ма фесафон, фӕлӕ се ’ппӕты дӕр райгас кӕнон Фӕстаг бон.
Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн».
Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Ныр мах бӕлвырд зонӕм, Ды хӕйрӕджы ахӕсты кӕй дӕ, уый. Суанг ма Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды афтӕ куыд зӕгъыс, Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ?
Уыцы ныхӕстӕ муртаттӕгтӕн циндзинад ӕрхастой, кад кодтой Дунедарӕджы ныхасӕн, ӕмӕ, Хуыцау мыггагмӕйы цардӕн кӕй сӕвзӕрста, уыдон се ’ппӕт дӕр баууӕндыдысты.
Хуыцау рагагъоммӕ кӕй базыдта, Йӕ уыцы адӕмы нӕ ныууагъта. Куы йӕ зонут Сыгъдӕг Фыстӕй, Илийа израилӕгтыл Хуыцаумӕ куыд бахъаст кодта, уый:
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.
Чырыстийы ныхас парахатӕй цӕрӕд уӕ зӕрдӕты. Ӕмӕ уын цы бирӕ зонд дӕтты, уый фӕрцы зонд амонут ӕмӕ ахуыр кӕнут уӕ кӕрӕдзийы. Хорзӕхӕй хайджынӕй Хуыцауӕн зӕрдиагӕй зарут псаломтӕ, гимнтӕ ӕмӕ удварны зарджытӕ.
Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зонды хос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Уый зӕгъы: «Дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн Ме ’фсымӕртӕн, Дӕуӕй ӕппӕлдзынӕн се ’мбырды».
Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыди Хуыцауы хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ, цы ныфсӕй ӕппӕлӕм, ууыл кӕронмӕ фидарӕй нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, уӕд.
Петрӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй, — Понты, Галатийы, Каппадокийы, Азийы ӕмӕ Вифинийы чи ныххӕлиу, ӕцӕгӕлонау дзы чи цӕры, Хуыцауы уыцы ӕвзӕрстытӕм.
Мах зонӕм уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауы Фырт ӕрцыд ӕмӕ нын радта зонд, ӕцӕг Чи у, Уый куыд базонӕм, афтӕ. Мах баиу стӕм, ӕцӕг Чи у, Уыимӕ ӕмӕ Йӕ Фырт Йесо Чырыстиимӕ — Уый у ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ мыггагмӕйы цард.
Ӕз зонын: ды цӕрыс, сайтанӕн йӕ паддзахы бадӕн кӕм ис, уым, фӕлӕ уӕддӕр ӕнувыд дӕ Мӕ номыл. Ды мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай, суанг Мыл, сайтан кӕм цӕры, уӕ уыцы сахары Мӕ иузӕрдион ӕвдисӕн Антипӕйы куы амардтой, уӕд дӕр.
Мӕ фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, фӕразон кӕй разындтӕ, уый тыххӕй дӕ Ӕз бахиздзынӕн, зӕххон цӕрджыты бафӕлварынӕн ӕппӕт дунейы цы фыдӕвзарӕн рӕстӕг уыдзӕн, уымӕй.
зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ. Мӕнӕ дын Ӕз байгом кодтон дуар, ӕмӕ йӕ сӕхгӕнын никӕй бон бауыдзӕн. Дӕумӕ бирӕ тых нӕй, фӕлӕ уӕддӕр хъуыстай Мӕ ныхасмӕ ӕмӕ Мыл дӕхи нӕ атигъ кодтай.