Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 17:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Срухс сӕ кӕн Дӕ ӕцӕгадӕй — Дӕ ныхас у ӕцӕгад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 17:17
23 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг Хуыцау, Ды — иунӕг Хуыцау! Дӕуӕн Дӕ ныхас фидар у! Ды фехъусын кодтай Дӕ цагъарӕн фарны хабар!


Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын, куы мӕ фервӕзын кӕнай, уӕд цин кӕндзынӕн. Зардзынӕн Дунедарӕгыл, — стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл.


Ацы фӕсномыг ныхас мӕнӕ цы амоны: тауинаг у Хуыцауы ныхас,


Сойджын мӕрыл чи ӕрхауди, уыдон та сты ахӕм адӕм — фехъусынц ныхас, арф ӕй бавӕрынц сӕ фӕлмӕн ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕйы ӕмӕ фӕразон кӕй сты, уый фӕрцы стыр пайда ӕрхӕссынц.


Сымах ныридӕгӕн бахсӕстӕуыд, Ӕз уын кӕй загътон, уыцы Дзырдӕй.


Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


ӕмӕ базондзыстут ӕцӕгад, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕн».


Сымах та Мӕн — Хуыцауӕй ӕцӕгдзинад Чи фехъуыста ӕмӕ уын ӕй Чи загъта, уыцы Адӕймаджы — амарынмӕ хъавут! Авраам афтӕ нӕ кодта.


Хуыцау махмӕ дӕр ӕмӕ уыдонмӕ дӕр иу цӕстӕй кӕсы, уымӕн ӕмӕ сын уырнындзинадӕй ссыгъдӕг кодта сӕ зӕрдӕтӕ.


Мах не ’ппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Бардарӕджы кадмӕ, уыцы кад зыны махыл дӕр ӕмӕ нӕ кӕны Бардарӕджы хуызӕн — уый аразы Бардарӕг, Уый та у Уд.


Уымӕн ӕмӕ сымах фехъуыстат Йесойы тыххӕй ӕмӕ Йӕ фӕрцы ӕцӕгадыл сахуыр стут, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгад ис Чырыстийы мидӕг.


цӕмӕй йӕ цӕхса дон ӕмӕ ныхасӕй ӕмӕ йӕ афтӕмӕй снывонд кӕна Хуыцауӕн.


Мах та сымах тыххӕй, Бардарӕг кӕй бауарзта, нӕ уыцы ӕфсымӕртӕ, хъуамӕ иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн — Уый дуне сфӕлдисыны размӕ сымах сӕвзӕрста, цӕмӕй фервӕзат, Йӕ Уд уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ ӕцӕгадыл кӕй баууӕндыдыстут, уый фӕрцы.


Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут алы чъизи ми, алы фыдӕх; ӕвӕлмасӕй кӕсут Хуыцауы ныхасы коммӕ. Уыцы ныхас байтыдӕуыд уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ йӕ бон у уӕ фервӕзын кӕнын.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan