14 Ӕз сын ӕрхастон Дӕ ныхас, ӕмӕ сӕ дуне йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ, Ӕз ацы дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр ацы дунейӕ не сты.
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Рӕстгӕнджытӕн ӕнӕхуыцӕуттӕ ’лгъаг сты, ӕнӕхуыцӕуттӕн та — цӕсгомджын адӕм.
Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Бауыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уымӕй нуаздзыстут ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй.
Ӕз дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ уыдон дӕр дунейӕ не сты.
Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз фехъусын кодтон, Ды кӕй загътай, уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ ӕцӕгдӕр бамбӕрстой, Ӕз Дӕуӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ӕмӕ сӕ бауырныдта, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый.
Сымахӕй йе сӕфт уынын дунейӕн йӕ бон нӕу, Мӕнӕй та йе сӕфт уыны, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн ӕвдисӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ хӕрам кӕй сты, уымӕн.
Йесо сын загъта: «Сымах ацы зӕххӕй стут, Ӕз та — уӕларвӕй. Сымах стут ацы дунейӕ, Ӕз та ацы дунейӕ нӕ дӕн.
Каины хуызӕн ма ут. Уый хӕйрӕгӕй уыд ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры. Ӕмӕ йӕ цӕмӕн амардта? Уымӕн ӕмӕ йӕхи хъуыддӕгтӕ хӕрам уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та — раст.
Ӕфсымӕртӕ, дуне уӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд.