1 Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ скадджын кӕна Дӕ Фырт дӕр.
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, — Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, —
Мӕ хъӕлӕс уыди зӕрватыччы цъиу-цъиуы, бӕлоны хъуырруйы хуызӕн. Арвы бӕрзондмӕ кастӕн ныфссастӕй ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг! Нал фӕразын, фӕдзӕхсын дыл Мӕхи!“
Ӕртыккаг хатт дӕр та сӕм бацыди ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Фаг у, рӕстӕг ӕрцыд: мӕнӕ Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ дӕттынц.
Хъалонисӕг та дӕрддзӕф лӕууыд ӕмӕ арвмӕ скӕсын дӕр нӕ уӕндыди, ӕрмӕст йӕ риу хоста ӕмӕ дзырдта: „Хуыцау, ныббар мын, тӕригъӕдджын дӕн ӕз“.
Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны уемӕ уыдтӕн, ӕмӕ Мыл уӕ къух дӕр нӕ андзӕвыди. Фӕлӕ ныр уӕ рӕстӕг у — талынг хицауиуӕг кӕны».
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низӕн йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ нӕ цӕуы — Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы Хуыцауы Фырты кад раргом уа».
Дур айстой. Йесо арвмӕ скасти ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ фехъуыстай, уый тыххӕй.
Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ кад раргом кӕныны афон.
Ӕрӕввахс ис Куадзӕн. Йесо зыдта, кӕй ралӕууыди ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ ацӕуыны афон. Уый уарзта ацы дунейы Йӕхионты ӕмӕ Йӕ уарзт равдыста ӕххӕстӕй.
Мӕнӕ рӕстӕг ӕрцӕуы, ӕниу, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ сымах уӕ хӕдзӕрттӕм фӕлидздзыстут ӕмӕ Мӕ иунӕгӕй ныууадздзыстут. Фӕлӕ Ӕз иунӕг нӕ дӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ ис.
Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис.
Йесо ацы ныхӕстӕ загъта, Кувӕндоны хӕзнадоны цур куы амыдта, уӕд. Фӕлӕ Йӕ ничи ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.
Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковы Хуыцау, нӕ фыдӕлты Хуыцау, скадджын кодта Йӕ Лӕггадгӕнӕджы, сымах марынмӕ Кӕй радтат ӕмӕ, Пилаты Йӕ рауадзын куы бафӕндыд, уӕд йӕ разы уӕхи Кӕуыл атигъ кодтат, Уыцы Йесо Чырыстийы.
Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.