Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 16:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕмӕ куы ’рцӕуа, уӕд раргом кӕндзӕни дунейы азым — тӕригъӕд, рӕстад ӕмӕ тӕрхон цы сты, уый раст кӕй не ’мбары.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 16:8
10 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ хъотыр рынчыны буарыл къахӕй сӕрмӕ, сауджынӕн дзы йӕ бон цас фенын у, уый бӕрц куы ахӕлиу уа,


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


Фӕлӕ уын Ӕз, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ, Ӕз куынӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.


Тӕригъӕд уый мидӕг ис, ӕмӕ Мыл не ’ууӕндынц.


Сымахӕй Мын Мӕ цӕстмӕ тӕригъӕд чи бадардзӕн? Фӕлӕ кӕд Ӕз ӕцӕг зӕгъын, уӕд Мыл цӕуылнӕ ӕууӕндут?


Уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд сын се ’фсарм тӕрхон кӕнын райдыдта ӕмӕ куыд хистӕрӕй иу иннӕйы фӕдыл уырдыгӕй сӕхи айстой. Фӕстагмӕ ма дзы баззадысты ӕрмӕстдӕр Йесо ӕмӕ уыцы сылгоймаг.


Адӕм уый куы фехъуыстой, уӕд зӕрдӕдзӕф фесты, ӕмӕ фарстой Петры ӕмӕ иннӕ апостолты: «Цы гӕнгӕ нын у, не ’фсымӕртӕ?»


Фӕлӕ иууылдӕр пехуымпариуӕг куы кӕной, ӕмӕ сӕм ӕнӕуырнӕг кӕнӕ, ӕвзӕгтӕ бамбарынхъом чи нӕу, ахӕм исчи куы бацӕуа ӕмӕ, цы ныхӕстӕ фехъуса, уыдон ын йӕ зӕрдыл йӕ тӕригъӕдтӕ куы ӕрлӕууын кӕной, уӕд йӕхиуыл ӕрхуддзӕн.


цӕмӕй ӕнӕхуыцӕуттӕй алкӕмӕн дӕр стӕрхон кӕна, хурмӕ сын рахӕсса се ’нӕхуыцау митӕ ӕмӕ, Йӕ ныхмӕ кӕй дзырдтой, ӕппӕт уыцы къӕйных ныхӕстӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan