Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 16:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фӕлӕ уын Ӕз, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ, Ӕз куынӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 16:7
19 Iomraidhean Croise  

Дӕ цагъарӕй Де ’ргом ма аздах, батагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт — уымӕн ӕмӕ тынг тыхст дӕн!


Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Илийайы заманы бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Израилы. Уӕд арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы къӕвдайы ӕртах не ’рхауд, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр стонг рӕстӕг скодта.


Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад феной, уӕдмӕ».


Мӕ Фыд уӕм Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах алцӕуыл дӕр сахуыр кӕндзӕн ӕмӕ уын, Ӕз цы дзырдтон, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.


Сымах фехъуыстат, Ӕз уын цы загътон, уый: „Ӕз цӕуын, фӕлӕ та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн“. Куы Мӕ уарзиккат, уӕд, Фыдмӕ кӕй цӕуын, ууыл цин кӕниккат, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мӕнӕй уӕлдӕр у.


Куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ райсдзынӕн Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым.


Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.


Ӕмӕ куы ’рцӕуа, уӕд раргом кӕндзӕни дунейы азым — тӕригъӕд, рӕстад ӕмӕ тӕрхон цы сты, уый раст кӕй не ’мбары.


Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис.


Петр райдыдта дзурын: «Ныр ӕз ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый.


Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.


Мах та зонӕм, Хуыцауы чи уарзы, Йӕ уынаффӕмӕ гӕсгӕ кӕмӕ басидтӕуыд, уыдонӕн алцыдӕр хорзӕн кӕй фӕкӕны.


Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan