29 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ныртӕккӕ Ды немӕ дзурыс ӕргомӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй.
Ӕппӕт уыдӕттӕ Йесо адӕмӕн амыдта фӕсномыгӕй, ӕнӕ фӕсномыг ныхӕстӕй та сын ницы дзырдта.
Уыдӕттӕ сын дзырдта ӕргомӕй. Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕфтӕ кӕнын райдыдта.
Йесо сын ракодта ацы фӕсномыг ныхас. Фӕлӕ сын ӕй цӕй тыххӕй ӕрхаста, уый нӕ бамбӕрстой.
Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.