Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 16:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уыцы бон Уымӕй, Мӕ ном ссаргӕйӕ, курдзыстут, ӕмӕ уын Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, сымах тыххӕй Мӕ Фыдӕн лӕгъстӕ нӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 16:26
9 Iomraidhean Croise  

Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы —


Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.


Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут?


Уӕд Мӕ ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут. Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.


Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».


Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.


Ӕз дунейы тыххӕй нӕ, фӕлӕ, Ды Мын кӕй радтай, уыдоны тыххӕй кувын, уымӕн ӕмӕ Дӕу сты.


Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan