Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 16:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Уӕд Мӕ ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут. Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 16:23
22 Iomraidhean Croise  

Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.


Уырнындзинад уӕм куы уа, уӕд, уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый райсдзыстут».


Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты.


Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.


Иудӕ Йын (Искариот нӕ, фӕлӕ иннӕ) загъта: «Хицау, дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый цы нысан кӕны?»


Уӕд Ӕй Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куынӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?»


Сымах Мемӕ куы уат ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы куы цӕрой, уӕд уӕ цыдӕриддӕр хъӕуа, уый ракурут ӕмӕ йӕ райсдзыстут.


Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут?


Уыцы бон Уымӕй, Мӕ ном ссаргӕйӕ, курдзыстут, ӕмӕ уын Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, сымах тыххӕй Мӕ Фыдӕн лӕгъстӕ нӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.


Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».


Уыйадыл мах, иудейӕгтӕ ӕмӕ муртаттӕгтӕ, иу Уды фӕрцы баиу стӕм ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр Чырыстийы фӕрцы байгом ис фӕндаг Фыдмӕ.


Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan