21 Аргӕ-арын сылгоймаг хъизӕмар фӕкӕны, фӕлӕ, куы ныййары, уӕд дзы фыр цинӕй йӕ удхар ферох вӕййы, уымӕн ӕмӕ дунемӕ адӕймаг фӕзынд.
Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».
Ферох дӕ уыдзысты уӕд дӕ хъизӕмӕрттӕ, чи акалди, уыцы донау нал ӕрлӕудзысты дӕ зӕрдыл.
Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!
Стыр тас сыл бахӕцдзӕн, се уӕнгтӕ срисдзысты, сӕ буар ӕлхынцъытӕ кӕндзӕни, сау тухӕн ӕвзардзысты ӕвгъӕддон сылгоймагау. Стыр дисы бафтгӕйӕ, кӕрӕдзимӕ кӕсдзысты, арт уадздзысты сӕ цӕсгӕмттӕ.
Мӕ хуылф ӕгасӕй дӕр риссы, саутухӕны бафтыдтӕн арӕг сылгоймагау. Цы хъусын, уымӕй арвы цӕфау фӕдӕн, цы уынын, уымӕй стыр катайы бацыдтӕн.
Ӕнхъӕлцау сылгоймаг куыд хъуамӕ ныййара йӕ сабийы, удхар куынӕ бавзара, уӕд? Чи кӕд фехъуыста кӕнӕ федта ахӕм хабар? Кӕннод иу бонмӕ кӕд фӕзынди иставӕр бӕстӕ ӕмӕ ӕваст кӕд айдзаг ис адӕмӕй? Фӕлӕ Сион, куыддӕр йӕ арын афон ралӕууыд, афтӕ йӕ фыртты ныридӕгӕн ныййардта.
Хъизӕмар кӕн ӕмӕ фыр рыстӕй удхарӕй мӕл, Сионы чызг! Ныр ацӕудзынӕ дӕ сахарӕй ӕмӕ цӕрдзынӕ быдыры. Вавилонмӕ ахӕццӕ уыдзынӕ ӕмӕ уым фервӕздзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ уыцы ран Дунедарӕг де знӕгты къухӕй балхӕндзӕн.
Уӕдӕ ныр цӕуыл фӕдис кӕныс? Ау, паддзах дын нӕй? Ӕви дын уынаффӕгӕнӕг нал ис, арӕг усау хъуырдухӕн цы кӕныс?
Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй».
Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.