Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 16:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзи, дисгӕнгӕ, фарстой: «Уый нын цытӕ дзуры, рӕхджы, дам, Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ чысыл фӕстӕдӕр ногӕй фендзыстут, стӕй, Ӕз Мӕ Фыдмӕ цӕуын, зӕгъгӕ?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 16:17
12 Iomraidhean Croise  

Йесойы фӕдзӕхст сӕ зӕрдыл бадардтой, фӕлӕ кӕрӕдзийы фарстой, «мӕрдтӕй райгас уӕвын» цы амоны, зӕгъгӕ.


Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.


Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.


Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.


Иудӕ Йын (Искариот нӕ, фӕлӕ иннӕ) загъта: «Хицау, дунейӕн нӕ, фӕлӕ махӕн Дӕхи раргом кӕнынмӕ кӕй хъавыс, уый цы нысан кӕны?»


Уӕд Ӕй Фома бафарста: «Хицау, кӕдӕм цӕуыс, уый нын зындгонд куынӕ у, уӕд ӕм фӕндаг куыд хъуамӕ зонӕм?»


Ӕз уын адӕттӕ уымӕн загътон, цӕмӕй ма фӕтасат.


Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ чысыл фӕстӕдӕр ногӕй фендзыстут».


Ноджы ма дзырдтой: «Цавӕр „рӕхджыйы“ кой кӕны? Цы нын зӕгъы, уый не ’мбарӕм».


Йесо бамбӕрста, цӕмӕй Йӕ бафӕрсынмӕ хъавынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уын афтӕ кӕй загътон: „Рӕхджы Мӕ нал фендзыстут, фӕлӕ та Мӕ рӕхджы ногӕй фендзыстут“, кӕрӕдзийы уый тыххӕй фӕрсут?


Ныр та цӕуын Мӕ Рарвитӕгмӕ, ӕмӕ Мӕ сымахӕй ничи фӕрсы, кӕдӕм цӕуыс, зӕгъгӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan