Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 16:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фыдмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Мӕн у, ӕмӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, Сыгъдӕг Уд уын, Мӕнӕй цы фехъуса, уый фехъусын кӕндзӕн, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 16:15
12 Iomraidhean Croise  

Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр, ӕмӕ Фыды йеддӕмӕ Фырты ничи зоны, стӕй Фыды дӕр ничи зоны — зоны Йӕ ӕрмӕстдӕр Фырт ӕмӕ, Уый Йӕ Фыды раргом кӕнын кӕмӕн фӕнды, уыдон.


Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.


Мӕ Фыдӕй Мын лӕвӕрд у ӕппӕт дӕр. Фырт чи у, уый ничи зоны Фыдӕй дарддӕр; Фыд чи у, уый дӕр ничи зоны Фыртӕй дарддӕр ӕмӕ йӕ Фырт кӕмӕн раргом кӕны, уый йеддӕмӕ».


Ӕхсӕвӕры рӕстӕг Йесо, Йӕ Фыд Ын ӕппӕт дӕр Йӕ къухмӕ кӕй радта, Хуыцауӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ ныр Хуыцаумӕ кӕй цӕуы, уый зонгӕйӕ,


Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».


Мӕнмӕ цыдӕриддӕр ис, уый Дӕу у, Дӕумӕ цыдӕриддӕр ис, уый та Мӕн у. Ӕмӕ Ӕз уыдоны мидӕг равдыстон Мӕ кад.


Уымӕн ӕмӕ Йын Ды алы адӕймаджы дӕр бакодтай Йӕ бар, цӕмӕй дзы алкӕмӕн дӕр мыггагмӕйы цард ратта.


Фыд уарзы Фырты ӕмӕ Йын ӕппӕт дӕр радта Йӕ къухмӕ.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй Йе ’ппӕт миниуджытӕ уой Чырыстимӕ


Уӕлзонды ӕмӕ зонынады ӕппӕт арфӕвӕрд хӕзнатӕ Чырыстимӕ сты.


Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan