3 Куы ацӕуон ӕмӕ уын бынат куы ӕрцӕттӕ кӕнон, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ уӕ райсдзынӕн Мӕхимӕ, цӕмӕй сымах дӕр уат, Ӕз кӕм дӕн, уым.
Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.
Сымах фехъуыстат, Ӕз уын цы загътон, уый: „Ӕз цӕуын, фӕлӕ та уӕм ӕрыздӕхдзынӕн“. Куы Мӕ уарзиккат, уӕд, Фыдмӕ кӕй цӕуын, ууыл цин кӕниккат, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мӕнӕй уӕлдӕр у.
Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм сымах фӕндаг зонут».
Мӕ Фыд, Мӕн фӕнды, цӕмӕй, Ды Мын кӕй радтай, уыдон Мемӕ уой, Ӕз кӕм дӕн, уым ӕмӕ уыной, Ды Мын кӕй радтай, уыцы кад, уымӕн ӕмӕ дуне сфӕлдисыны размӕ Ды Мӕн бауарзтай.
ӕмӕ загътой: «Галилейӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, Уыцы Йесо уӕ цӕсты раз уӕларвмӕ куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрыздӕхдзӕн».
Кӕд Йӕ хъӕбултӕ стӕм, уӕд та, Хуыцаумӕ цы хорзӕхтӕ ис, уыдонӕй райсдзыстӕм, исгӕ та сӕ Чырыстиимӕ ракӕндзыстӕм. Ӕмӕ кӕд Чырыстиимӕ тухӕнтӕ ӕвзарӕм, уӕд нын хай уыдзӕн Йӕ кадӕй дӕр.
Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.
Цӕмӕй сымах скадджын кӕнат нӕ Бардарӕг Йесойы ном ӕмӕ, нӕ Хуыцау ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хорзӕхӕй, уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат Йӕ кадӕй.
Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд паддзахиуӕг дӕр Йемӕ кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.
афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдтӕ Йӕхимӕ райсыны сӕраппонд иу хатт Йӕхи ӕрхаста нывондӕн; дыккаг хатт та ӕрцӕудзӕни тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ Йӕм ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы, уыдоны фервӕзын кӕнынмӕ.
Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.