Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 14:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Мӕ Фыд уӕм Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах алцӕуыл дӕр сахуыр кӕндзӕн ӕмӕ уын, Ӕз цы дзырдтон, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 14:26
75 Iomraidhean Croise  

О Хуыцау, стаудзынӕн Дӕ ӕнусмӕ Дӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕ номыл — иузӕрдион Дыл чи у, уыдонӕн уый фарн хӕссы.


Дӕ байзӕддӕгты дын се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн Дунедарӕг, ӕгӕрон уыдзӕн сӕ фарн.


Фӕлӕ мах Йӕ ныхмӕ рацыдыстӕм, Йӕ Сыгъдӕг Уды хъыджы бацыдыстӕм, ӕмӕ нӕм уӕд Уый дӕр сызнаг ис ӕмӕ райдыдта нӕ ныхмӕ хӕцын.


Йесо Чырыстийы райгуырд уыдис афтӕ. Йӕ мад Мариа ма куырдуаты бадти, Йосифимӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг ис, Мариа Сыгъдӕг Уды хъомысӕй ӕнхъӕлцау кӕй у, уый.


Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрди, уӕд ӕм фыны Хуыцауы зӕд раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Йосиф! Ма тӕрс дӕ усаг Мариайы хӕдзармӕ ӕрхонынӕй, уымӕн ӕмӕ, йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хӕссы, Уый йын Сыгъдӕг Удӕй у.


Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ скӕнут. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй.


Уӕ фӕсмоны нысанӕн уыл ӕз ӕрмӕстдӕр донӕй аргъауын, фӕлӕ мӕ фӕдыл Чи ӕрбацӕуы, Уый мӕнӕй тыхджындӕр у; ӕз Ын Йӕ дзабыртӕ хӕссыны аккаг дӕр нӕ дӕн. Ӕмӕ уыл Уый аргъаудзӕни Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ артӕй.


Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы дзырдта, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“.


Тӕрхонмӕ уӕ куы кӕной, уӕд-иу, цы зӕгъдзыстут, ууыл рагацау ма тыхсут — дзурут-иу, тӕккӕ уыцы уысм уын цы рардӕуа, уый, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уд дзурдзӕни уӕ дзыхӕй.


уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ.


Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт.


Мариайы ныхасмӕ Елисаветӕйы гуыбыны йӕ сывӕллон базмӕлыд. Елисаветӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис


Иоанны фыд Захариа Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис, пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ дзырдта:


Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы куры, уыдонӕн!»


Йерусалимы цардис иу рӕстгӕнӕг, йӕ ном — Симеон. Уый уыди Хуыцауыл ӕнувыд адӕймаг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ касти, Хуыцау Израилы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Симеон хайджын уыди Сыгъдӕг Удӕй.


Ӕз уын рарвитдзынӕн, Мӕ Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Ӕмӕ уал ацы сахары баззайут, цалынмӕ уӕларвон тыхӕй не схайджын уат, уӕдмӕ».


Сыгъдӕг Уд Ӕм бӕлоны хуызы ӕрцыд ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Ды Мӕ уарзон Фырт дӕ, Ӕз Дӕуыл аудын».


Ӕз Ӕй нӕ зыдтон, фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: „Уд ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ ӕрӕнцайгӕ Кӕуыл фенай, Уый у Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг“.


Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.


Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы —


Адӕттӕ уын загътон, цалынмӕ ма уемӕ дӕн, уӕдмӕ.


Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.


Фӕлӕ уын Ӕз, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: Мӕ ацыд сымахӕн хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ, Ӕз куынӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг не ’рцӕудзӕн. Куы ацӕуон, уӕд та уӕм Ӕй рарвитдзынӕн.


Ӕмӕ, мӕрдтӕй куы райгас ис, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн уыцы ныхӕстӕ ӕрлӕууыдысты сӕ зӕрдыл ӕмӕ баууӕндыдысты Сыгъдӕг Фыстыл ӕмӕ, цы дзырдта, ууыл.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сыл бафу кодта ӕмӕ сын загъта: «Схайджын ут Сыгъдӕг Удӕй.


Пехуымпартӕм фыст ис: „Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн“. Фыдмӕ чи хъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрбацӕуы Мӕнмӕ.


Йесо афтӕ Сыгъдӕг Уды, — чи Йыл ӕууӕнды, уыдон Кӕмӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккой, — Уый тыххӕй загъта. Уӕд нырма Сыгъдӕг Удӕй нӕма схайджын сты, уымӕн ӕмӕ Йесойы кад нӕма раргом ис.


суанг, Йе ’взӕрст апостолтӕн Сыгъдӕг Уды фӕрцы бардзырдтӕ куы радта ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ссыди, уыцы боны онг.


Иуахӕмы сӕ ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Йерусалимӕй макӕдӕм ацӕут, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, Фыд уын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта ӕмӕ уын Ӕз цӕй тыххӕй дзырдтон, уымӕ.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй“.


Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».


Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ.


Сыгъдӕг Удимӕ иумӕ мах аскъуыддзаг кодтам ӕмӕ уыл ӕндӕр уаргъ нал ӕвӕрӕм, мӕнӕ ацы ахсджиагдӕртӕй фӕстӕмӕ:


Ӕмӕ зӕрдӕзонӕг Хуыцау муртаттӕгтыл кӕй ауды, уый равдыста, уыдонӕн дӕр махау Сыгъдӕг Уд кӕй балӕвар кодта, уымӕй.


Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы провинцийы амонын.


Йесо ист ӕрцыд Хуыцауы рахизфарсмӕ, ӕмӕ Йӕ Фыдӕй райста, зӕрдӕ Йын Кӕмӕй бавӕрдӕуыд, уыцы Сыгъдӕг Уды ӕмӕ дзы схайджын кодта адӕмы, сымах ныртӕккӕ куыд уынут ӕмӕ хъусут, афтӕ.


Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.


Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.


Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».


Иу хъуыды сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕлиу кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уӕд Павел сдзырдта: «Сыгъдӕг Уд хорз загъта нӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайайы дзыхӕй:


Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай?


Хиваст адӕм! Сымахӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъустӕ сунӕтгонд не сты! Сымах стут уӕ фыдӕлты хуызӕн — кӕддӕриддӕр Сыгъдӕг Уды ныхмӕ лӕуут.


Стефан та — Сыгъдӕг Удӕй йемыдзаг, афтӕмӕй — скасти арвмӕ, федта Хуыцауы кад ӕмӕ Йесойы, Хуыцауы рахизфарс лӕугӕ.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад хӕрын ӕмӕ нуазыныл нӕу. Рӕстӕй цӕрын, Сыгъдӕг Уд кӕй дӕтты, уыцы фарн ӕмӕ цин — Хуыцауы Паддзахад уый у.


Ныфс Чи дӕтты, уыцы Хуыцау уын уырнындзинады фӕрцы раттӕд цин ӕмӕ фарн, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ уӕ ныфс кӕна фидарӕй-фидардӕр.


Хуыцау мын бафӕдзӕхста, цӕмӕй муртаттӕгтӕн уазлӕггад кӕнон Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ сын хъусын кӕнон Хуыцауы Фарны Уац, цӕмӕй муртаттӕгтӕ суой, Сыгъдӕг Уд кӕй ссыгъдӕг кодта, ахӕм фӕндиаг цардӕгас нывонд.


Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Сыгъдӕг Удӕй хайджын чи у, уый Йесойы нӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ, Сыгъдӕг Удӕй хайджын чи нӕу, уый Йесойы Бардарӕг не схондзӕн.


Хуыцауӕй уын лӕвӕрд цы буар у, уый Сыгъдӕг Уды цӕрӕнут кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы,


Афтӕ кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн — сыгъдӕгдзинад ӕмӕ зонынад, фидардзинад ӕмӕ зӕрдӕйы хорз, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ ӕнӕхин уарзт,


Ӕмӕ сымах дӕр ӕцӕгады ныхас, Фарны Уац, уӕ фервӕзыны тыххӕй куы фехъуыстат ӕмӕ Чырыстийыл куы баууӕндыдыстут, уӕд баиу стут Йемӕ. Хуыцауы адӕм кӕй стут, уый равдисынӕн Хуыцау сымах схайджын кодта, зӕрдӕ Кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Сыгъдӕг Удӕй.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау, кадджын Фыд, схайджын кӕнӕд уӕлзонды Удӕй сымах, цӕмӕй базонат Хуыцауы.


Сыгъдӕг Уды хъыджы ма цӕут, уымӕн ӕмӕ уыл Ирвӕзындзинады бонмӕ сӕвӕрдӕуыд Йӕ мыхуыр.


Уӕдӕ, уыцы сидт чи ницӕмӕ дары, уый адӕймагыл нӕ, фӕлӕ уӕ Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта, уыцы Хуыцауыл йӕхи атигъ кӕны.


Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый.


уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.


Уый тыххӕй Сыгъдӕг Уд дӕр ӕвдисӕн лӕууы. Йӕ фыццаг ныхас у:


Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,


Уымӕй Сыгъдӕг Уд ӕвдисы, зӕгъгӕ, цалынмӕ раздӕры Уаз Цӕрӕн ис, уӕдмӕ ног Рухсмонуатмӕ фӕндаг гом нӕма у.


Хуыцау сын раргом кодта, сӕ лӕггад сӕхи пайдайӕн нӕ, фӕлӕ уӕ сӕраппонд кӕй уыди. Ӕмӕ уыдон цы дзырдтой, уый уын ныр фехъусын кодта уӕларвӕй ӕрвыст Сыгъдӕг Уд — Цины Уац чи хӕссы, уыдоны уылты. Уыцы сусӕгдзинад арф банкъарынмӕ суанг зӕдтӕ дӕр тырнынц.


уымӕн ӕмӕ рагуац адӕймаджы фӕндонӕй загъд никуы ӕрцыд, фӕлӕ-иу адӕм Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй дзырдтой, Хуыцауӕй-иу цы рацыд, уый.


Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.


Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.


Ис ӕртӕ ӕвдисӕны [уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се ’ртӕ дӕр иу сты.


Сымах та, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, рӕзут уӕ сыгъдӕг уырнындзинады бындурыл, кувут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй,


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн тас нӕу дыккаг мӕлӕтӕй“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan