25 Адӕттӕ уын загътон, цалынмӕ ма уемӕ дӕн, уӕдмӕ.
Уый тыххӕй уын Ӕз зӕгъын рагацау, цалынмӕ нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ, цӕмӕй сымах, куы ’рцӕуа, уӕд баууӕндат: УЫЙ ӔЗ ДӔН.
Мӕн чи нӕ уарзы, уый Мӕ ныхӕстӕ не ’ххӕст кӕны. Сымах цы ныхас хъусут, уый та Мӕнӕй нӕ, фӕлӕ Мӕ рарвитӕг Фыдӕй у.
Мӕ Фыд уӕм Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах алцӕуыл дӕр сахуыр кӕндзӕн ӕмӕ уын, Ӕз цы дзырдтон, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.
Уыдӕттӕ нӕма ӕрцыдысты, фӕлӕ уын сӕ Ӕз ныридӕгӕн зӕгъын, цӕмӕй, куы ӕрцӕуой, уӕд Мыл баууӕндат.
Ӕз уын адӕттӕ загътон, цӕмӕй Мӕ цинӕй хайджын уат ӕмӕ уӕ циндзинад уа ӕххӕст.
Сымахӕн ма мӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ нырма уӕ бон бамбарын нӕ бауыдзӕн.