Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 14:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 14:21
43 Iomraidhean Croise  

Тынг Ӕй уарзта ӕмӕ Йыл йӕхи нӕ тигъ кодта. Ӕххӕст Ын кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ, кӕддӕр Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхста, уыдон.


Моисей бахатыди Дунедарӕгмӕ: «Фенын мын кӕн Дӕ кад!»


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.


Йесо та загъта: «Тӕхудиаг сты, Хуыцауы дзырдмӕ чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон».


Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.


Сидзӕрӕй уӕ нӕ ныууадздзынӕн — фӕстӕмӕ уӕм ӕрыздӕхдзынӕн.


Ӕз уын цы фӕдзӕхсын, уый куы ӕххӕст кӕнат, уӕд стут Мӕ хӕлӕрттӕ.


Уый Мын скад скӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уын фехъусын кӕндзӕн, Мӕнӕй цы фехъуса, уый.


Уымӕн ӕмӕ уӕ Мӕ Фыд Йӕхӕдӕг уарзы, Мӕн кӕй бауарзтат ӕмӕ, Ӕз Хуыцауӕй кӕй ӕрцыдтӕн, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уый тыххӕй.


Ӕз уыдонимӕ иу дӕн, Ды та Мемӕ иу дӕ. Уадз ӕмӕ уыдон дӕр уой иу, цӕмӕй дуне базона, Ды Мӕ кӕй рарвыстай ӕмӕ, Мӕн куыд уарзыс, уыдоны дӕр афтӕ кӕй бауарзтай, уый.


Уымӕй фервӕзыны тыххӕй ӕртӕ хатты лӕгъстӕ кодтон Бардарӕгӕн,


Мах не ’ппӕт дӕр гом цӕсгомимӕ кӕсӕм Бардарӕджы кадмӕ, уыцы кад зыны махыл дӕр ӕмӕ нӕ кӕны Бардарӕджы хуызӕн — уый аразы Бардарӕг, Уый та у Уд.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын куы ӕххӕст кӕнат, абон уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон, Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ Йын удуӕлдайӕ лӕггад куы кӕнат,


Хуыцауӕн уарзон уыдзыстут, ӕмӕ уын арфӕ ракӕндзӕн; сымахӕн раттынӕй уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым мыггагарӕх уыдзыстут. Арфӕгонд уыдзысты уӕ зӕнӕг ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, уӕ хойраг, уӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, уе стуртӕ ӕмӕ уӕ фысвосы цӕуӕт.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау


Бардарӕг Йесо Чырысти демӕ! Хуыцауы хорзӕх уӕ уӕд!


Фӕлӕ Йын Йӕ дзырд чи ӕххӕст кӕны, уымӕн йӕ зӕрдӕйы ӕцӕг ӕрцарди Хуыцауы уарзт. Уымӕй нын раргом вӕййы, мах Йемӕ кӕй баиу стӕм, уый.


Кӕсут-ма, Фыд нын цы уарзт балӕвар кодта, уымӕ, цӕмӕй хӕссӕм Йӕ хъӕбулты ном. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Йӕ хъӕбултӕ стӕм. Дуне Хуыцауы кӕй нӕ базыдта, мах дӕр уый тыххӕй нӕ зоны.


Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый мах ӕвдисӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ та ӕнцон ӕххӕстгӕнӕн сты.


Уарзын та афтӕ амоны, ӕмӕ мах хъуамӕ цӕрӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ. Райдианӕй кӕй фехъуыстат, уыцы фӕдзӕхст ахӕм у: цӕрут уарзондзинадмӕ гӕсгӕ.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон тӕхудиаг сты — уыдзӕн сын царды бӕласы дыргъӕй бахӕрыны ӕмӕ сахармӕ кулдуарыл бацӕуыны бар.


Мӕнӕ Ӕз дуармӕ лӕууын ӕмӕ хойын. Мӕ хъӕлӕс Мын чи фехъуса ӕмӕ дуар чи байгом кӕна, уымӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йемӕ минас кӕндзынӕн, уый та — Мемӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan