20 Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.
Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый».
Ау, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый дӕ нӕ уырны? Ӕз уын цы зӕгъын, уый Мӕхи номӕй нӕ дзурын — Мемӕ иу Чи у, Уыцы Фыд аразы Йӕ хъуыддӕгтӕ.
Ӕууӕндут Мыл: Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу дӕн, Мӕ Фыд та Мемӕ иу у. Науӕд та Мыл Мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕууӕндут.
Уӕд Мӕ ницӕмӕйуал фӕрсдзыстут. Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Мӕ номӕй цыдӕриддӕр ракурат Фыдӕй, уый уын ратдзӕни.
Уыцы бон Уымӕй, Мӕ ном ссаргӕйӕ, курдзыстут, ӕмӕ уын Ӕз афтӕ нӕ зӕгъын, сымах тыххӕй Мӕ Фыдӕн лӕгъстӕ нӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ.
Ӕз ныр дунейы нал дӕн, фӕлӕ уыдон дунейы сты, Ӕз та Дӕумӕ цӕуын. Мӕ Сыгъдӕг Фыд! Бахъахъхъӕн сӕ, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ, Мах иу куыд стӕм, афтӕ уыдон дӕр иу куыд уой.
Ӕз сын раргом кодтон Дӕ ном ӕмӕ сын ӕй дарддӕр дӕр ӕргом кӕндзынӕн, цӕмӕй Мӕ Ды цы уарзтӕй бауарзтай, уыдон дӕр уарзой ахӕм уарзтӕй, ӕмӕ Ӕз уон семӕ».
Ӕмӕ ныр бамбӕрстой, Ды Мын цыдӕриддӕр радтай, уый Дӕуӕй лӕвӕрд кӕй у.
Мӕ Буар чи хӕры ӕмӕ Мӕ Туг чи нуазы, уый баиу ис Мемӕ, ӕмӕ Ӕз баиу дӕн йемӕ.
Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.
Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.
Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,
Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.
Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут.
Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.
Мах хъусын кӕнӕм: Хуыцау дунеимӕ Чырыстийы фӕрцы бафидыдта — адӕмӕн ныббарста сӕ тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ фидыды ныхас нӕ бӕрны бакодта.
Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.
Мах Хуыцауы сконд стӕм, Йесо Чырыстийы фӕрцы нӕ сфӕлдыстӕуыд, Хуыцау нын рагацау кӕй снысан кодта, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ аразынмӕ.
Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бафӕндыд, цӕмӕй Йе ’ппӕт миниуджытӕ уой Чырыстимӕ
Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.
Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.
Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ, кӕрӕдзийы куы уарзӕм, уӕд Хуыцау ис немӕ ӕмӕ Йӕ уарзт та ӕххӕстӕй цӕры нӕ зӕрдӕты.