Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 14:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕцӕгады Уды. Дунейы бон Ӕй райсын нӕу, уымӕн ӕмӕ Йӕ нӕ уыны ӕмӕ нӕ зоны. Сымах та Йӕ зонут, уымӕн ӕмӕ Уый уемӕ ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕты цӕрдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 14:17
30 Iomraidhean Croise  

Лӕгӕн йӕ рыст йӕхи йеддӕмӕ ничи зоны, йӕ циныл дӕр ын йӕхицӕй фылдӕр ничи фӕцин кӕндзӕн.


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.


Уымӕн ӕмӕ дзургӕ сымах нӕ кӕндзыстут, фӕлӕ сымах уылты дзурдзӕни уӕ Фыды Уд.


Ӕз Мӕ Фыдӕн балӕгъстӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уын Уый ратдзӕнис, мыггагмӕ уемӕ чи уыдзӕни, ахӕм ӕндӕр Рӕвдауӕджы —


Йесо йын дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый сӕххӕст кӕндзӕн Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕн. Мах ӕм ӕрцӕудзыстӕм ӕмӕ йемӕ ӕрцӕрдзыстӕм.


Ӕз уӕм Мӕ Фыдӕй рарвитдзынӕн Рӕвдауӕджы — Ӕцӕгады Уды. Уыцы Уд Мӕ Фыдӕй цӕуы, ӕмӕ уӕм куы ’рцӕуа, уӕд ӕвдисӕн лӕудзӕни Мӕн тыххӕй.


Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».


Уӕдӕ цы бакӕнон? Кувдзынӕн удӕй, кувдзынӕн зондӕй дӕр, зардзынӕн удӕй, зардзынӕн зондӕй дӕр.


Хуыцауы Удӕй хайджын цы адӕймаг нӕу, уымӕ та, Хуыцауы Удӕй цы цӕуы, уый нӕ хъары — ӕнӕзонд мийыл ӕй нымайы ӕмӕ йӕ бамбарын нӕ фӕразы, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕн Уды руаджы аргъ кӕнын хъӕуы.


Сымах Хуыцауы хӕдзар кӕй стут ӕмӕ Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый нӕ зонут, ӕви?


Хуыцауӕй уын лӕвӕрд цы буар у, уый Сыгъдӕг Уды цӕрӕнут кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уӕхиуыл уӕ бар нӕ цӕуы,


Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут.


Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та стӕм цардӕгас Хуыцауы хӕдзар, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм.


Хуыцауы хъӕбултӕ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Фырты Уды, ӕмӕ Уый хъӕлӕсыдзагӕй фӕзӕгъы: «Аввӕ, нӕ Фыд!»


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы рӕзут сымах дӕр, цӕмӕй Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ сымахӕй амадӕуа Хуыцауы цӕрӕнуат.


уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра. Уарзондзинад уӕд уӕ царды бындур.


Хуыцауы бафӕндыди уыцы сусӕгдзинадӕн йӕ кады хъӕздыгад ӕмӕ йе стырад адӕмтӕн раргом кӕнын. Уыцы сусӕгдзинад ис, Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый мидӕг. Сымах Уый фӕрцы уӕ зӕрдӕ дарут, уӕ фидӕн намысджын кӕй уыдзӕнис, ууыл.


Нӕ зӕрдӕты цӕрӕг Сыгъдӕг Уды фӕрцы бахъахъхъӕн, дӕ бӕрны дын цы хӕзна бачындӕуыд, уый.


Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.


Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ чи цӕры, уый Хуыцауимӕ ис, ӕмӕ Хуыцау йемӕ ис. Хуыцау немӕ кӕй ис, уый нын ӕргом кӕны, Йӕхӕдӕг нын Кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд.


Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.


Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ, Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Афтӕмӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг моны.


Ис ӕртӕ ӕвдисӕны [уӕларвы: Фыд, Дзырд ӕмӕ Сыгъдӕг Уд; ӕмӕ се ’ртӕ дӕр иу сты.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд, Уд аргъуантӕн цы зӕгъы, уымӕ. Уӕлахиздзауӕн ратдзынӕн ӕмбӕхст маннӕйӕ, стӕй ма йын ратдзынӕн урс дур. Дурыл фыст уыдзӕни ног ном, ӕмӕ йӕ ничи зондзӕн, чи йӕ райса, уый йеддӕмӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan