Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 14:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕууӕндут Мыл: Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу дӕн, Мӕ Фыд та Мемӕ иу у. Науӕд та Мыл Мӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕууӕндут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 14:11
11 Iomraidhean Croise  

Йесо сын дзуапп радта: «Загътон уын ӕй, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон Мын сты ӕвдисӕн.


Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?»


Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый».


Ау, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн ӕмӕ Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у, уый дӕ нӕ уырны? Ӕз уын цы зӕгъын, уый Мӕхи номӕй нӕ дзурын — Мемӕ иу Чи у, Уыцы Фыд аразы Йӕ хъуыддӕгтӕ.


Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.


Мӕнӕн ис, Иоанн цы загъта, уымӕй тыхджындӕр ӕвдисӕйнаг. Мӕ Фыд Мын цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн.


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


Уыцы уац ӕцӕг кӕй у, уый Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕлвырд кодта ӕвдисӕйнӕгтӕй, Йӕ хъомысыл дзурӕг алыхуызон хъуыддӕгтӕй, Сыгъдӕг Уд цы курдиӕттӕ дӕтты ӕмӕ Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ кӕй бахай кодта, уыдонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan