Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 14:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мацӕуыл мӕт кӕнут. Ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 14:1
37 Iomraidhean Croise  

О Хуыцау, Ды — мӕ паддзах! Фервӕзын кӕн Йаковы фӕдонты!


Уыдон Хуыцауы фӕдзӕхст фехӕлдтой, Йе ’Гъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын нӕ бакуымдтой.


Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.


«О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы!


Мариайы ӕмӕ йемӕ ӕрцӕуӕг иудейӕгты Йесо кӕугӕ куы федта, уӕд Йӕхицӕн дӕр Йӕ зӕрдӕ суынгӕг ис


Ныр Мӕ уд стыр катайы бацыд, фӕлӕ Ӕз афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй“, кӕд ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй ӕрцыдтӕн?


Йесо хъӕрӕй загъта: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уый Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕнды.


Уый тыххӕй уын Ӕз зӕгъын рагацау, цалынмӕ нӕма ӕрцыд, уӕдмӕ, цӕмӕй сымах, куы ’рцӕуа, уӕд баууӕндат: УЫЙ ӔЗ ДӔН.


Ныронг ницы куырдтат Мӕ номӕй. Ныр курут ӕмӕ райсдзыстут, ӕмӕ уӕ циндзинад уыдзӕни ӕххӕст.


Уыдон афтӕ, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй кӕндзысты.


уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕм уӕ зӕрдӕтӕ хъынцъым кӕнынц.


цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ Фыды, цӕмӕй Фырты чидӕриддӕр уыны ӕмӕ Йыл ӕууӕнды, уымӕн уа мыггагмӕйы цард; ӕмӕ йӕ Ӕз фӕстаг бон райгас кӕндзынӕн».


Ныр та уын хуыздӕр у уымӕн ныббарын ӕмӕ йӕ барӕвдауын, цӕмӕй йӕ хъыг ма фегӕр уа.


Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, Бардарӕг Йесойыл кӕй баууӕндыдыстут ӕмӕ ӕппӕт сыгъдӕджыты кӕй уарзут, уый куы фехъуыстон,


цӕмӕй уӕ зонд фидар уа ӕмӕ уӕ тасы ма бафтауой нӕдӕр мӕнгпехуымпарад, нӕдӕр ныхӕстӕ, нӕдӕр фыстӕг, цыма уыдон махӕй рацыдысты, ныридӕгӕн Бардарӕджы ӕрцыды бон ралӕууыд, зӕгъгӕ.


Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan