Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 13:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз цы кӕнын, уый ды ныртӕккӕ нӕма ӕмбарыс, фӕлӕ йӕ фӕстӕдӕр бамбардзынӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 13:7
11 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ сымах афтӕ цы зӕххӕй дзурут, ӕдзӕрӕг быдыр фестад, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг дзы нал баззад, халдейӕгты къухтӕм лӕвӕрд ӕрцыд, зӕгъгӕ, уым та ногӕй зӕххы хӕйттӕ ӕлхӕндзысты. Фиддзысты сын ӕвзист, ӕлхӕды ӕвдисӕндартыл ӕвӕрдзысты мыхуыртӕ ӕмӕ ’вдисӕнтӕм дзурдзысты. Афтӕ уыдзӕни Бениамины зӕххыл, Йерусалимы алфамбылай ӕмӕ Иудейы ӕппӕт сахарты, стӕй Шефела ӕмӕ Негевы сахарты, уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Тӕхудиаг сты, ӕнхъӕлмӕ чи кӕсы ӕмӕ иу мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын фондз боны ӕнхъӕлмӕ чи кӕсдзӕни, уыдон.


Ӕз ӕм хъуыстон, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ не ’мбӕрстон ӕмӕ сдзырдтон: «Мӕ хицау! Ӕппӕт уыдӕттӕн сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?»


Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.


Симон Петр Ын загъта: «Хицау, ӕмӕ Ды кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ныртӕккӕ дӕуӕн нӕй цӕуӕн, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл».


Симон Петрмӕ куы бацыди, уӕд Ын уый загъта: «Хицау! Ды мын мӕ къӕхтӕ куыд хъуамӕ цӕхсай?»


Мӕ Фыд уӕм Мӕ номыл Кӕй рарвитдзӕн, уыцы Рӕвдауӕг, Сыгъдӕг Уд, сымах алцӕуыл дӕр сахуыр кӕндзӕн ӕмӕ уын, Ӕз цы дзырдтон, уыдӕттӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan