37 Петр Ын загъта: «Хицау, цӕуылнӕ мын ис ныр Дӕ фӕдыл ацӕуӕн? Ӕз мӕ цард дӕр ратдзынӕн Дӕу тыххӕй».
Уыдон Ын дзуапп радтой: «Бауыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уымӕй нуаздзыстут ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй.
Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петры фӕрсы: «Иоанны фырт Симон, адон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты».
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Фӕлӕ Павел дзуапп радта: «Уый цытӕ кӕнут? Уӕ кӕуынӕй мын мӕ зӕрдӕ цӕмӕн риссын кӕнут? Ӕз цӕттӕ дӕн ӕрмӕст ахӕстоны сбадынмӕ нӕ, фӕлӕ Бардарӕг Йесойы номы сӕраппонд Йерусалимы амӕлынмӕ дӕр».