Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 13:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Мӕ хъӕбултӕ, Ӕз бирӕ нал уыдзынӕн уемӕ. Агурдзыстут Мӕ, фӕлӕ, иудейӕгтӕн куыд загътон, афтӕ ныр сымахӕн дӕр зӕгъын: „Ӕз кӕдӕм цӕуын, сымахӕн уырдӕм уӕ бон бацӕуын нӕу“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 13:33
13 Iomraidhean Croise  

Симон Петр Ын загъта: «Хицау, ӕмӕ Ды кӕдӕм цӕуыс?» Йесо йын дзуапп радта: «Ӕз кӕдӕм цӕуын, уырдӕм ныртӕккӕ дӕуӕн нӕй цӕуӕн, фӕлӕ фӕстӕдӕр рацӕудзынӕ Мӕ фӕдыл».


Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ дуне нал фендзӕни Мӕн, сымах та Мӕ фендзыстут, уымӕн ӕмӕ Ӕз цӕрын, ӕмӕ сымах дӕр цӕрдзыстут.


Мӕ Фыды хӕдзары бирӕ бынӕттӕ ис. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд уын нӕ загътаин: „Ӕз цӕуын бынат уын ӕрцӕттӕ кӕнынмӕ“.


Цы амонынц Йӕ ацы ныхӕстӕ: „Агурдзыстут ма Мӕ ӕмӕ Мӕ не ссардзыстут“ ӕмӕ ноджы: „Ӕз кӕм уон, сымахӕн уырдӕм бацӕуын уӕ бон нӕ бауыдзӕн“?»


Мӕ хъӕбултӕ, арӕг сылгоймагау ногӕй хъизӕмӕрттӕ сымах тыххӕй ӕвзарын, цалынмӕ Чырыстийы ӕрдзыхъӕдӕй не схайджын уат, уӕдмӕ.


Мӕ хуртӕ, ацы ныхӕстӕ уӕм ӕз фыссын, тӕригъӕды цӕмӕй ма ӕфтат, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕ исчи тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд нын Фыды раз ис Сӕрылхӕцӕг, Рӕстгӕнӕг Йесо Чырысти.


Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.


Мӕ хуртӕ, уӕхи хизут мӕнгхуыцӕуттӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan