Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоанн 13:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Ӕмӕ кӕд Хуыцауы кад Йӕ фӕрцы раргом ис, уӕд Ӕй Хуыцау Йӕхӕдӕг дӕр скадджын кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ скадджын кӕндзӕн рӕхджы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоанн 13:32
12 Iomraidhean Croise  

Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ кад раргом кӕныны афон.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо скаст уӕларвмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, рӕстӕг ӕрхӕццӕ. Скадджын кӕн Дӕ Фырты, цӕмӕй Дӕ скадджын кӕна Дӕ Фырт дӕр.


Уый ацыд уӕларвмӕ, бады Хуыцауы рахизфарс, Йӕ дӕлбар сты ӕппӕт уӕларвон зӕдтӕ, барадтӕ ӕмӕ тыхтӕ.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон, фыццаг ӕмӕ фӕстаг».


Сахары ӕлгъыстагӕй ницыуал уыдзӕн. Уым уыдзӕнис Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы бадӕн, ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзысты Йӕ цагъартӕ.


Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan